Папуашвили Шалва Гуырдзыстоны Китайы минæваримæ хæрзбойнон фембæлд сарæзта

14:45, 09.07.2026

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили хæрзбон зæгъыны фембæлд сарæзта Китайы уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Гуырдзыстоны Чжоу Цяньимæ.

Парламенты пресс-куысты информацийæ, фембæлды рæстæджы банысан ис, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Китайы æхсæн ахастытæ æнтыстджынæй рæзынц.

«Сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд дыууæфарсон ахастыты æмвæзад стратегион партнердзинадæй комплексон стратегион партнерадмæ схизынмæ, кæцы дыууæ бæстæйы æхсæн æмкуыстдзинады ног этап нысан кодта.

Папуашвили Шалва афтæ дæр бахахх кодта Китаймæ йæ официалон визиты нысаниуæгдзинад æмæ уый рæстæджы уагъд æнтыстджын фембæлдтытæ.

Парламентты æхсæн æмархайд фæуæрæхдæр кæныныл фæрстытæ æрныхас кодтой.

Уымæй дарддæр ма, фембæлдыл ныхас цыд гуырдзиаг-китайаг æмахастыты дарддæры размæцыды перспективæтыл, æруынаффæ кодтой регионалон политикæйы фарстатыл, бахахх кодтой бастдзинад æмæ транспорт æмæ логистикæйы сферæты дарддæры æмкуыстдзинады нысаниуæгдзинад.

Шалва Папуашвили минæварæн Гуырдзыстон æмæ Китайы æхсæн æмахастыты фæарфдæр кæныны нысаниуæгджын хайбавæрды тыххæй бузныг расидтис æмæ йын йæ фидæны архайдтыты æнтыстытæ ракуырдта» – ис фыст Гуырдзыстоны парламенты фидиуæны.

Хуыздæр