Брюсселы «Хурыскæсæн  Партнерады» министериал ацæудзæн, кæцыйы  Гуырдзыстоны фæсарæн хуъыддæгты  министр дæр райсдзæн хайад
Брюсселы «Хурыскæсæн Партнерады» министериал ацæудзæн, кæцыйы Гуырдзыстоны фæсарæн хуъыддæгты министр дæр райсдзæн хайад

Брюсселы  абон  «Хурыскæсæн Партнерады»  министериал цæуы, кæцыйы  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр  Ииа Дарчиашвили дæр райсдзæн  хайад.

«Хурыскæсæн Партнерады»  министериалы  фæстæ  та Евроцæдисы  уæнг бæстæты  фæсарæн хъуыддæгты министртæ Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты  советы   рабадты форматы  адарддæр кæндзысты  кусын.

Евроцæдисы  советы информацийæ, Гуырдзыстоны, Молдовæйы, Украинайы, Азербайджаны æмæ Сомихыстоны, кæнæ та   «Хурыскæсæн партнерады»  баст бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министртæ,  Евроцæдисы уæнг бстæты  фæсарæн хъуыддæгты министртимæ   фембæлдзысты.

«Хурыскæсæн  Партнерады» министртимæ  фембæлд Евроцæдисы  министериалы  бон фæткы иуæй-иу сæйраг темæ у.  Министртæ Евроцæдисы фæсарæн  хъуыддæгты  министрты советы рабадтыл  фæуынаффæ  кæндзысты  Украинайы уæвæг  уавæрыл æмæ Ираныл; афтæма   райсдзысты информаци  Молдовæйы уæвæг уавæрыл, хуссар сыхы æмæ  Тунисыл.