Нуца Бузаладзе – мæ бæллицц уыд, цæмæй Гуырдзыстон ахызтаит финалмæ, сæрыстыр дæн мæ бæстæйæ, сценæйыл æнкъардтон мæ бæстæйæ цæугæ энерги
Мæ бæллицц уыдис Гуырдзыстон ахызтаит финалмæ авд азы фæстæ, тынг амондджын дæн – уый фæдыл Евроуынынады зарæджы конкурсыл Гуырдзыстоны минæвар Нуца Бузаладзе абоны æрдæгфиналон шоуы фæстæ лæвæрд пресс-конференцийыл райхуъсын кодта.
«Стыр бузныг алкæмæн, цæмæй мыл баууæндыдысты. Æнкъардтон энерги сценæйыл. Бузныг цæмæй мæ бауырнын кодтат, цæмæй бæллиццытæ æцæгдæр сæххæст вæййынц. Мæ бæллицц уыдис, Гуырдзстон ахызтаит финалмæ авд азы фæстæ. Амондджын дæн. Сæрстыр дæн мæ бæстæйæ, Гуырдзыстонæй. Сæрыстыр дæн гуырдзиаг куы дæн уымæй. Фæндыд мæ равдыстаин уыцы арт, кæцы ис гуырдзиæгтæм. Сценæйы æнкъардтон мæ бæстæйы энерги, уарзын мæ бæст. Тынг бирæ адæймаг куыста ацы номерыл æмæ алкæмæн стыр бузныг ацы куысты тыххæй. Афтæ куы кусыс, уæд кæддæриддæр æрлæууы фæстиуæг. Уый уыдис мæ бæллицц» – райхъусын кодта Нуца Бузаладзе.
Гуырдзыстоны минæварæн ноджы иу фарста раттой Сомихытсонæй, кæцыйы минæвар афтæдæр ахызт финалмæ.
«Тынг зæрдæзнæт уыдтæн. Рагон хæларзинад нæ иу кæны. Сымах уыдыстут финалы уæвыны аккаг. Диссаг уыдис» – бафтыдта ма Нуца Бузаладзе.