Михеил Даушвили – Гиорги Гахариа  Бидзина Иванишвилийæн, дебаттæм цыфæнды формат банхъарыд, нæ аххос цы нæ фæкæнынц ахæм  ницыуал баззад, рацæуæд æмæ æргомæй   зæгъæт, Гахариа дæр ам ис
Михеил Даушвили – Гиорги Гахариа Бидзина Иванишвилийæн, дебаттæм цыфæнды формат банхъарыд, нæ аххос цы нæ фæкæнынц ахæм ницыуал баззад, рацæуæд æмæ æргомæй зæгъæт, Гахариа дæр ам ис

Гиорги Гахариа  Бидзина Иванишвилийæн  дебаттæм  кæцыфæнды формат банхъарыд. Иу мин цыдæр иу фæкæнынц не æфсон,  рацæуæд æмæ  радзурæт, ам ис Гахариа, – уый фæдыл  парти «Гуырдзыстоны Тыххæй»-ы  уæнг  Михеил Даушвили   райхъусын кодта.

Даушвилийы дзырдæй,   зылынгæнæнты бæсты, æргом  дебаттæм хъуамæ рацæуæд  æмæ алцыппæты тыххæй  ам фæныхас кæнæд.

«Бидзина Иванишвили  Гиорги Гахариайы  «гадзрахатгæнæгæй»  кæй схуыдта,  уый фыццаг хатт нæ уыд. Нæй гæнæн, рахизай  æмæ  адæймагы цыдæрты фæаххосджын кæнæй, ацæуай нал разынай æмæ  бамбæхсай, уый раст нæу. Нæ æмбæстæгтимæ стæм  бæрнон.  Кæд  исты мæ аххос кæныс, уæд хъуамæ рахизай, иумæ сбадæм  æмæ  æмбæстæгтæ  ахицæн кæнæд, чи у  зылын. Гиорги Гахариа  Бидзина Иванишвилийæн банхъарыд  кæцыфæнды форматы  дебаттæ ауадзын.  Нæ аххос цы нæ фæкæнынц ахæм  ницыуал баззад, рацæуæд æмæ æргомæй   зæгъæт, Гахариа дæр ам ис. Гадзрахаты нæ куы фæаххосджын кодтой, уый нæу фыццаг цау,  «кокаинæй фæлхасады» нæ фæаххосджын кодтой,  ноджы ма  мины онг æдылыдзинад,   ахæм зылынгæнæнтæ ныууадзæт  æмæ  рабадæт, фенæм дебаттæ.  Уырнæг йеуæд  дæр,  раст куы  дæ», – банысан кодта Михеил Даушвили.