Анаклиайы цæугæ фестивалыл наркофыдракæнды тыххæй Гуырдзыстон æмæ Ираны цыппар æмбæстагы æрцахстой

Ганмухуры хъæуы,   цæугæ эллектронон музыкйæы  фестивалыл   наркофыдракæнды  тыххæй  цыппар  гоймагы æрцахстой – уый фæдыл информацийы   мидхъуыддæгты министрад  хæлиу кæны.

Уагдоны хъусинагæй,  фæдæвзарæн мадзæлттæ ауагъто  Самегрело-Уæллаг Сванеты  полицийы департаменты æмæ   централо н криминалон   полицийы  департаменты  кусджытæ иуæймагæй.

«Барадхъахъхъæнджытæ цалдæрбонон оперативон-фæдæвзарæн куысты фæстиуæгæн, фестивалы  райдаынæй,  фыццаг  бон, Ираны дыууæ æмæ   Гуырдзыстоны дыууæ  æмбæстагы, наркотикон    фæрæзты  æнæзакъононæй  балхæд-бавæрыны  аххосæй æрцахстой.  Ахст сты  Ираны æмбæстæгтæ :1984 азы гуырд  А.К.  æмæ 1995 азы гуырд  С.А., афтæдæрæ  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ: 1985 азы гуырд  И.К.  æмæ  1980 азы  гуырд  Б.К.

Ахст уæнгты джигулы  рæстæджы   æндæр æмæ  æндæр хуызы   наркотикон  фæрæзтæ  бæлвырдгæнæнты  хуызæй  систой,  снысан ис  æмбæлон экспертизæтæ.

Фæдагуырд  цæуы  тугтæрхоны барады кодексы  260-æм статийы  фыццаг хайæ,  кæцы наркотикон  фæрæзæтæй æнæзакъононæй  æрцæттæ,  амалиуæгад,  балхæд, бавæрын,  иу бынатæй иннæ ранмæ æрвыст кæнæ  реализаци дары  йæ  хъуыдйы» – банысангонд у  МХМ-ы информацийы.