МХМ наркофыдракæнды тыххæй 19 уæнгы æрцахста, сæ нымæцы æхсæз сты наркореализатортæ
МХМ-ы ценртралон криминалон пъæлицæйы, патрулон пæлицæйы, Тбилисы, Ачъарайы, Самегрело-Уæллаг Сванеты, Имереты æмæ Мцхета-Мтианеты пъæлицæйы департаментты кусджытæ генералон прокуратурæимæ иумæ, фæстаг периоды уагъд оперативон мадзæлтты æмæ фæдагурæн арæздтыты фæстиуæгæн, наркофыдракæнды аххосагæй 19 гоймагы æрцахстой, сæ нымæцы 6 наркореализатортæ сты. Информаци уый тыххæй хъусын кæны мидхъуыддæгты министрад.
Уагдоны информацийæ, ахст сты куыд Гуырдзыстоны, афтæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæ.
Фыдракæнд æфхæрд цæуы 20 азы онг кæнæ æнæмгъуыд ахст.