МХМ - Зынгхуыссынгæнджытæ æндæр æмæ æндæр хъæутæй æмбæстæгты эвакуаци кодтой æдас бынæттæм, æмæ хъахъхъæнынады тыхтимæ иумæ, цæрджыты хай ифтонг æрцыд хъæугæ хостæ æмæ хæлцадон продукттæй
Мидхъуыддæгты министрады уæлвæткон уавæрты фæткдарон куыстуат, Ныгуылæн Гуырдзыстоны тыхджын митуары тыххæй, уæлвæткон режимы кусын дарддæр кæны. Уый фæдыл информаци мидхъуыддæгты министрад парахат кæны.
Уагдоны информацийæ, ирвæзынгæнæн операцитæ æнæхъæн æхсæв адарддæр сты. Зынгхуыссынгæнджытæ æндæр æмæ æндæр хъæутæй æмбæстæгты эвакуаци кодтой æдас бынæттæм, æмæ хъахъхъæнынады тыхтимæ иумæ, цæрджытæй хайы сифтонг кодтой хъæугæ медикаменттæй æмæ хæлцадон продукттæй.
Уæлвæткон уавæрты фæткдар куысты къухдариуæггæнæг Гуриайы районы ис. Темур Мгъебришвили медийы коментар сарæзта цæугæ ирвæзынгæнæн операцийы фæдыл. Уый загъта, зæгъгæ, Гуриайы регионæй дарддæр, ирвæзынгæнджытæ сты мобилизацигонд алы уыцы регионты, кæцыты стыр митуард ис.
«Хицауады сæрдары хайадистæй уагъд æрцыд æнæнхъæлæджы æмбырд». Хæслæвæрдтæ нывæзт æрцыдысты, архайды пълан фыст æрцыд, æмæ уымæ гæсгæ фыццаградон бынат лæвæрд æрцыд, æддаг дунейæ æнæхай чи уыд, уыцы бынæттæн. Мах рахызтыстæм уæлвæткон æмæ фæтыхджындæргонд режиммæ, Гуриайы, Имереты æмæ Ацъарайы æххæстæй мобилизацигонд у Уæлвæткон уавæрты управленийы службæ æмæ куысты процесс цæуы», – загъта Темур Мгъебришвили.
Мидхъуыддæгты министрады æппæт æмбæлон дæлхайæдтимæ æмæ æндæр уагдæтты минæвæрттимæ æмгуыст кæнгæйæ, Уæлвæткон уавæрты ууагдоны 600 зынгхуыссынгæнæджы бæрц дарддæр кусынц.
Уый фæдыл информаци мидхъуыддæгты министрады пресс-куыстуат парахат кæны.