МХъМ – фæстаг 48 сахаты дæргъы наркофыдракæнды аххосагæй ахст æрцыд 75 адæймаджы
МХъМ – фæстаг 48 сахаты дæргъы наркофыдракæнды аххосагæй ахст æрцыд 75 адæймаджы

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министры хæдивæг, Гиоргий Сахокиайы расидæнмæ гæсгæ, фæстаг 48 сахаты мидæг наркотикты аххосагæй 75 адæймаг æрцахстой, кæцыты нымæцы сты куыд Гуырдзыстоны афтæ дæр фæсарæйнаг æмбæстæгтæ. Уый фæдыл Гиоргий Сахокия министрады арæзт брифингыл расидтис.

Сахокиа брифингыл куыд банысан кодта афтæмæй, ахстгондты аххосджын кæнынц стыр æмæ уæлдай тынгдæр бæрцæй наркотиктæ æмæ психотропон буарады æнæзакъонон балхæды, æвæрыны, уæй кæныны æмæ уæй кæныны æнцонвадат кæныны хъуыддаджы.

«Азымджынты сæрмагонд дзаумæттæ, хæдтулгæтæ æмæ цæрæн хæдзæртты басгæрсты фæстиуæгæн, афтæ ма уагъд фæдагуырдон эксперименты рæстæджы барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ æрцахстой стыр бæрцæй алыгъуызон наркотиктæ æмæ психотропон буарадтæ, кæцытæ цæттæгонд æрцыдысты уæй кæнынмæ, уыцы бынæттæй, кæцытæ сын æвдыст æрцыдысты бæлвырдгæнæнæн, уыцы нымæцы: «Кокаин», «ГН», «Альфан», «ПМД» «Суботекс», «Бупренорфин», «Прегабалин», «Лирика» æмæ «Марихуана».

Фæдагуырд цæуы Гуырдзыстоны уголовон кодексы 260, 260 Терциа, 260 Кварта æмæ 261 статьятæм гæсгæ, кæцытæ 20 азы онг кæнæ та цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын дары йæ зæрдыл», -расидтис Гиоргий Сахокиа.