Пъæлицæй бæстæйы масштабæй уагъд  мадзæлтты  фæстиуæгæн, наркофыдракæнды факттыл  62 уæнгы æрцахста, сæ нымæцы 46 наркореализатортæ сты
Пъæлицæй бæстæйы масштабæй уагъд мадзæлтты фæстиуæгæн, наркофыдракæнды факттыл 62 уæнгы æрцахста, сæ нымæцы 46 наркореализатортæ сты

Пъæлицæй  бæстæйы масштабæй  уагъд  мадзæлтты   фæстиуæгæн,  наркофыдракæнды  фактыл,  62  уæнгы  æрцахста, сæ нымæцы  46  сты наркореализатортæ.  Фæнысангонды фæдыл  мидхъуыддæгты министрады  брифинг    централон криминалон пъæлицæйы   департаменты  директор  Теймураз  Купатадзе  ауагъдта.

Йæ  информацийæ,   наркореализатортæ ахст  сты  æндæр æмæ æндæр  горæтты: Батумы, Зугдиды, Кутаисы, Озургеты, Гуры, Марнеулы æмæ Руставы, афтæма  Тбилисы æндæр æмæ  ндæр  сыхы, сæ нымæцы  Поничъалайы сыхы.

Зылынмæ лæвæрдты цы фыдракæндты аххосджын кæнынц уыдоны тыххæй  тугтæрхоны  барады кодексмæ гæсгæ  бæрæг у æфхæрд   20 азы онг кæнæ æнææмгъуыд  ахстæй.

Бæстæмæ  наркотикон фæрæзты æнæзакъононæй  æрбаласыны фактты тыхæй  та,  пъæлицæй  фæсарæйнаг  20-ы онг  æмбæстагы æрцахста. Наркофыдракæнды аххосагæй,   ахст сты  Турчы, Сербийы, Азербайджаны, Ираны, Уæрæсейы, Украинайы, Египеты, Латвийы, Нигерийы æмæ Сомихыстоны  æмбæстæгтæ.

Ацы аз, мидхъуыддæгты министрад  наркореализаци аххосагæй,  ивгъуыд азимæ абаргæйæ,   68-æй фылдæр наркореализаторы  æрцахста.

Æмтгæй  райсгæйæ,   пъæлицæй  æнæхъæн азы дæргъы, æнæзакъонон зилдухæй систа: 8 килограмм  «героин», 8 500 таблеткæ  «Субутекс»  æмæ «Субоксин», 16  килограмм  «кокаин»,6 килограмм “мдма”, 5 килограмм «Алфа пвп», 4,5 килограмм  «Клефедрон»  æмæ æндæр наркотикон  фæрæзтæ», –  хъусын кæнынц   МХМ-ы.