Пъæлицæйæгтæ Тбилисы æмæ регионты наркотикон фыдракæндты аххосагæй 16 адæймаджы æрцахстой
Пъæлицæйæгтæ Тбилисы æмæ регионты наркотикон фыдракæндты аххосагæй 16 адæймаджы æрцахстой

Мидхъуыддæгты министрады, Тбилисы, Аджарайы, Квемо Картлийы æмæ Имереты полицийы департаментты патрулон полицийы кусджытæ æндæр æмæ æндæр рæстæджы уагъд оперативон мадзæлтты æмæ фæдагурæн архайдтыты фæстиуæгæн, наркофыракты аххосагæй 16 адæймагы æрцахстой. Уый фæдыл информаци мидхъуыдтæгты министрад парахат кæны.

«Наркотикон препараттæ уæлдай стыр бæрцæй дарыны, æнæзакъонæй æлхæныны æмæ æвæрыны, æнæзакъонон уæй кæныны, уæй кæныны фæлварæны, уæй кæнынæн æнцонвадат кæныны, наркотикон препараттæ кæм ис, ахæм зайæгойы æнæзакъонæй хъомыл кæныны æмæ дохтыры рецептæй наркотиктæй æнæзакъонæй пайда кæныны фактты тыххæй ахст сты ахæм адæймæгтæ: 1984 азы гуырд. И.Г., гуырд 2001 азы, Г.Г., гуырд 2004 азы, С.К., гуырд 1987 азы, адæймæгтæ раздæры тæрхонтимæ: И.О., гуырд 1995 азы, Н.К., гуырд 2006 азы, З.Дж., гуырд 1974 азы, М.К., гуырд 1984 азы, гуырд Г.К. 1989 азы, æмæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæ: А.К., гуырд 1970 азы, П.К. гуырд 1995 азы, О.Б.

Фыдракæндтæн æфхæрд цæуы 20 азы онг, кæнæ та цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын.

Пъæлицæйæгтæ, тæрхонгæнæджы уынаффæмæ гæсгæ, æххæст кодтой наркотикты контролгонд æлхæд æмæ сусæгæй ныффыстой уæлдæр ранымад æлхæдтытæ аудио æмæ видеойыл.

Азымгондты сæрмагонд æмæ цæрæн хæдзæртты басгæрсты фæстиуæгæн, афтæ ма наркотиктæ кæм ис, ахæм зайæгойтæ æрзайын кæнынæн арæзт сæрмагонд хъармгæнæнæй æмæ фæдагурæн эксперименты рæстæджы цы бынæттæ равдыстой, уыдонæй барадхъахъхъæнджытæ æвдисæнæн райстой уæлдай стыр бæрц наркотиктæ, кæцытæ æвæрд æрцыдысты уæй кæнынмæ, уыцы нымæцы: «метамфетамин», «бумпренон», «бупренн» «Клефердрон», «Метадон», «Альфа ПВП», «Марихуана» æмæ зайæгой «Каннабис».

Пъæлицæйæгтæ бæлвырдгæнæнæн байстой æнæзакъонæй уæйгонд наркотиктæ, æрмæджытæ, кæцытæ æнæмæнгхъæуæг уыдысты наркотикон препараттæ æфснайынæн æмæ хъомыл кæнынæн æмæ æхца.

Фæдагуырд цæуы уголовон кодексы 260, 260 тертиа, 19-260 тертиа, 260 кварта, 261, 265 прима æмæ 273 статьятæм гæсгæ» -ис фыст МХъМ-йы информацийы.