МХъМ – Барадхъахъæнджытæ байстой 250 килограмм «героин», кæцыйы аргъ афтæ хуынæг сау базары у 80 милуан ларийы онг, ахст æрцыдысты дыууæ адæймаджы
Мидхъуыддæгты министрад дыууæ æмбæстагы æрцахста, уæлдай стыр бæрц наркотикты æнæзакононæй балхæныны æмæ æвæрыны тыххæй, афтæ дæр Гуырдзыстонмæ æнæзакъонон импорты æмæ Гуырдзыстонæй æнæзакъонон экспорты аххосагæй.
Мидхъуыдтæгты министры хæдивæг Александр Дарахвелидзе брифингыл куыд расидтис афтæмæй, 250 килограмм наркотикон препарат «героин» ист æрцыд, кæцыйы аргъ афтæ хуынæг сау базары æввахс 80 милуан лари у.
«Фæдагуырдæй райсгæ бæлвырдгæнæнтæй бæрæг у, цæмæй уæзласæн машинæ, кæцы таможнæйон документацимæ гæсгæ уыд уæзгонд «уæлдæф салфеткæтæй», Гуырдзыстонмæ сыхаг бæстæйæ бацыд таможнæйон уадзæн пункт «Сырх хид»-ы уылты. «героин» сусæгæй æвæрд 2907 пакеты дымгæ салфеткæты мидæг барадхъахъæнджыты æрдыгæй æххæстгонд уæлæмхасæн фæдагурæн архайдтыты фæстиуæгæн, аххосджынтæй иуы цæрæнуатæй дæр ист æрцыд наркотик «героины» дыууæ пакеты – уый фæдыл Александр Дарахвелидзе брифингы рæстæджы расидтис.