МХМ, Тбилис æмæ регионты наркофыдракæнды тыххæй 46 уæнгы æрцахста, сæ нымæцы 36 наркореализатортæ сты
МХМ, Тбилис æмæ регионты наркофыдракæнды тыххæй 46 уæнгы æрцахста, сæ нымæцы 36 наркореализатортæ сты

Мидхъуыддæгты министрады  централон криминалон пъæлицæйы   Тбилисы, Мцхета-Мтианеты, Ачъарайы, Гуриайы, Имереты, Рачъа-Лечхумы  æмæ Дæллаг Сванеты, Дæллаг Картлийы, Самегрело-Уæллаг Сванеты æмæ  Къахеты пъæлицæйы департаментты  кусджытæ,  фæстаг периоды интенсивон  режимы  уагъд  оперативон  мадзæлтты æмæ  фæдагурæн архæйдтыты фæстиуæгæн,  наркофыдракæнды   аххосагæй 46  уæнгы æрцахстой, сæ нымæцы  36  сты наркореализацигæнджытæ.

МХМ-ы хъусинагæй,   æрцахстуæвджыты æхсæн  сты куыд Гуырдзыстоны, афтæ, Украинайы, Уæрæсейы, Египеты, Нигериайы,  Ираны, Йемены  æмæ Иорданийы  æмбæстæгтæ.