Теймураз Купатадзейы  фидиуæнæй, бæстæйы масштабæй  цæугæ мадзалы  фæстиуæгæн, тæрхондоны уынаффæйы бындурыл ахст сты 20-æй фылдæр наркореализатор
Теймураз Купатадзейы фидиуæнæй, бæстæйы масштабæй цæугæ мадзалы фæстиуæгæн, тæрхондоны уынаффæйы бындурыл ахст сты 20-æй фылдæр наркореализатор

Патрулон пъæлицæйы  департаменты  директоры, Теймураз  Купатадзейы  фидиуæнæй,   бæстæйы  масштабæй   цæуы  пъæлицæйон    мадзал  æмæ  тæрхондоны уынаффæйы бындурыл ахст сты  20-æй фылдæр  наркореализатор.

Афтæма йæ информацийæ, Поничъалайы   ахст сты  æхсæз реализаторы.

«Æндæр æмæ æндæр стыр горæтты  дарддæр кæнынц  мадзæлттæ   æмæ боны  кæронмæ  æрцахствæвджыты   нымæц   райрæздзæнис.  Ист сты  æндæр æмæ æндæр наркотикон фæрæзтæ, стыр нымæцæй æмæ сæрмагонд стыр нымæцæй  наркобуарадтæ.   Наркореализатортимæ бæрæг периоды дæргъы  цыдис  куыст, развæлгъау  сæххæст    цалдæр контролон балхæд, кæцы æвдыст у  аудио æмæ видео æрмæджытæй.   Æрцахстуæвджыты нымæцы сты  куыд нæлгоймæгтæ, афтæ  сылгоймæгтæ, æнахъомтæ  ацы этапыл  æрцахстуæвджыты æхсæн нæй.   Кæддæриддæр куыд вæйы,  афтæ ныр дæр хъуыддаджы фигуранттæ сты  фæсарæйнаг æмбæстæгтæ.  Хъуыддагыл цæуы   фæдагуырд», –   райхъусын кодта  Теймураз Купатадзе.