Мæхъæлы горæт Хъарабулахы  цалдæр сахатон  быцæуæмбæлды фæстæ, æхсæз гарзджын хæцæгы  амардтой
Мæхъæлы горæт Хъарабулахы цалдæр сахатон быцæуæмбæлды фæстæ, æхсæз гарзджын хæцæгы амардтой

Мæхъæлы горæт Хъарабулахы  цалдæрсахатон   быцæуæмбæлды  фæстæ, æхсæз гарзджын  хæцæгы   амардтой.  Горæты контртеррористон операцийы режим  архайы.  Ацы рæстæгмæ  спецопераци  фæуды  æмæ  барадхъахъхъæнджытæ   мард  уæнгты  нæмттæ бæрæг  кæнынц.

Уырыссаг медиайы  информацийæ,  гарзджын  уæнгты   нейтрализацийы  нысанæн   Хъарабуалхы   спецопераци 2  марты  райдыдта.  Националон антитетррористон   комитетты   информацийæ,   Мæхъæлы, оперативон-агурæн куыстыты рæстæджы, æдасдзинады уагдæттæ   иуæй-иу цæрæн  бæстыхайы  гарзджын  уæнгты   къорд ссардтой, кæцы  терактты   сыххæст кæнын  хъавыдысты.   Æрцахсты архайды  рæстæджы  уыдон  æхст райдыдтой   æдасдзинады тыхтыл.   Уæрæсейы Федералон  æдадсзинады   куысты  спецнысаниуæгы бал,   иу бæстыхайы æрхъула кодта.

Æдасдзинады нысанæн,  алфæмбылай хæдзæрттæй   цæрджыты  эвакуаци  сыххæст ис.