Контртеррористон операциты фæлгæтты ПÆК сарæзта цалдæр спецоперацийы, æрцахстой дыууæ адæймаджы
Контртеррористон операциты фæлгæтты ПÆК сарæзта цалдæр спецоперацийы, æрцахстой дыууæ адæймаджы

Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куысты контртеррористон операциты фæлгæтты цы оперативон архайдтытæ æмæ фæдагурæн архайдтытæ æххæст кодтой, уыдоны фæстиуæгæн æнæхъæн бæстæйы масштабæй æмрæстæджы уагъд æрцыд цалдæр спецопераци.

Паддзахадон æдасдзинады куысты информацийæ, райсгæ мадзæлтты фæстиуæгæн Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстаджы æрцахстой, сæ хæдзæрттæй та фæдагуырдæн нысаниуæгджын бæлвырдгæнæнтæ байстой, се æхсæн хæцæнгæрзтæ, алыгъуызон хуызы электронон аппараттæ, æхца, æмæ æндæр ахсджиаг дзаумæттæ.

«Ахст адæймæгты хæдзæрттæй ма ист æрцыдысты алыгъуызон бæлвырдгæнæнтæ, кæцытæ бæлвырд кæнынц гæнæн бастдзинæдтæ æхсæнадæмон террористон организациимæ». Фæсарæйнаг террористон организацимæ бацæуыны æмæ террористон архайдтытæн æххуысы факты фæдыл, Гуырдзыстоны уголовон кодексы 328 статьямæ гæсгæ, фæдагуырд цæуы. “Фӕдагуырд уадзы Паддзахадон ӕдасдзинады службӕйы Контртеррористон центр”, — дзырдӕуы ПÆК -йы хъусинаджы.