Æхсæнадæмон Валютон фонды  мисси Гуырдзыстоны экономикон  бæрæггæнæнтæн æвæрццаг аргъ дæтты
Æхсæнадæмон Валютон фонды мисси Гуырдзыстоны экономикон бæрæггæнæнтæн æвæрццаг аргъ дæтты

Æхсæнадæмон валютон фонды  (ÆВФ)  мисси Гуырдзыстоны  экономикон  бæрæггæнæнтæй позитивон  динамикæйы – экономикон рæзынады  темпы  уавæрæн, цæугæ  хыгъдлæвæрды  фæхуыздæры æмæ   бæстæйы æндæр  макроэкономикон  параметртæн позитивон аргъ дæтты – Гуырдзыстоны  премьер-министры  пресс-куысты  информацийæ,   уый фæдыл   премьер-министр  Гиорги Гахариайы æмæ   миссийы  къуыхдариуæггæнæг Мерседес Вера  Мартины  фембæлды рæстæджы банысан ис.

Гиорги Гахариа бахахх  кодта  Æхсæнадæмон  валютон фондмæ уæвæг  хæстæг партнерад æмæ Гуырдзыстоны  хицауады  номæй æмкуысткæнынады  фæдылдзог ауæрæхмæ цæттæдзинад сбæлвырд кодта.

Мерседес Вера Мартин куыд банысан кодта  афтæмæй, Гуырдзыстоны экономикон рæзынады динамикæ  тынг фидар у.

«Нымайæм, цæмæй  фæфыддæргонд æддæ фактортæм æнæкæсгæ бæстæйы экономикæ  бæрзонд фæразондзинад равдыста. Гуырдзыстоны экономикон  рæзынады  динамикæ  тынг  фидар у»,-райхъусын кодта Мерседес Вера Мартин.

Æхсæнадæмон Валютон Фонды мисси Гуырдзыстонмæ радон визитæй  октябры æрцæудзæн.