Натиа Турнава  Гуырдзыстон Æхсæнадæмон Валютон Фонды миссийы иудадзыг минæваримæ фембæлдис
Натиа Турнава Гуырдзыстон Æхсæнадæмон Валютон Фонды миссийы иудадзыг минæваримæ фембæлдис

Национ Банкы  президенты  хæстæ æххæстгæнæг  Натиа Турнава  Национ Банкы офисы  фембæлдис Гуырдзыстоны Æхсæнадæмон Валютон Фонды  мисийы иудадзыг  минæвар Эндрю Джувелимæ.

Национ Банкы  пресскуысты  информацийæ.  Фембæлдыл   Натиа Турнава  Æхсæнадæмон Валютон Фонды  минæварæн  деталонæй базонын  кодта, цæмæй  цы дары йæ хъуыдыйы  санкциты сыххæсты  уагмæ хаст  ивддзинад  æмæ цæмæн  слæууыд бонвæткы  ацы  уынаффæ рахæссыны  æнæмæнгхъæуындзинад. Уыимæ  ма йæ фидиуæнæй,   æнæивгæ баззайдзæн  алы уыцы регуляци æмæ арæнæвæрд, кæцыты АИШ, Евроцæдис æмæ Стыр Британи, Уæп=рæсейæн  Украинамæ  бырсты   фыццаг бонæй   сфидар кодтой.

Турнавайы  дзырдæй,  Гуырдзыстоны Национ Банк интенсивон  коммуникацийы  ис   финансон секторимæ, Æхсæнадæмон  финансон институттимæ æмæ алы  интересджын   фарсимæ  хъæугæ   информаци бадæттынæн.

Фембæлдыл уыдысты Национ Банкы  уæнгтæ  Экатерине Микабадзе, Экатерине Галдава  æмæ Роберт  Синглерат.