Натиа Турнава фембæлд Æхсæнадæмон Валютон Фонды техникон æххуысы миссиимæ
Гуырдзыстоны националон банкъы президент Натиа Турнава æхсæнадæмон валютон фонды техникон æххуысы миссийы минæвæрттимæ фембæлд.
Националон банкъы информацимæ гæсгæ, фæныхас кодтой национ банкъы монетарон операциты фæлгæтты дарддæры рæзты фарстатыл. Уыцы нымæцы, ликвидондзинады управленийы операцитæ æххæст кæныны æмæ æмбæлон рискъты управленийы спайдагонд æфсондзы фæлгæтты рафæлгъауыны фарстатæ.
«Уыимæ иумæ, хъусдард здæхт уыд уыцы къахдзæфтæм, кæцытæ ахъаз уыдзысты ларийы æхцайы æмæ казначействойы облигациты базары ликвиддзинады фæбæрзонддæр кæнынæн æмæ валютон политикæйы трансмиссийы механизмы эффективондзинад фæбæрзонддæр кæнынæн, уæлдайдæр та репо базары размæцыды æрдгæй.
Банысанкæнинаг у, цæмæй ацы азы 18-æм февралы фæстæ ÆÆМ-ы техникон æххуысы мисси интенсивон продуктивон фембæлдтæ сарæзта Гуырдзыстоны националон банкъы æндæр æмæ æндæр департаменттимæ, экономикæ æмæ финансты министрадты минæвæрттимæ, афтæ дæр Пенсион агентады казначействойы департаментты къухдариуæгтимæ æмæ раззагдæр коммерцион банкимæ.
Националон банкъы президент бузныг расидтис ÆÆМ-ы миссийæн йæ техникон æххуыс æмæ фарсылхæцындзинады тыххæй. Натиа Турнава куыд банысан кодта афтæмæй, ÆÆМ-имæ æмгуыстад нысаниуæгджын у Националон Банкъæн æхцайы операциты реализацийы фæлгæтты æнæрлæугæйæ фæхуыздæр кæныны æрдæм æмæ финансон системæйы стабилондзинад фæтыхджындæр кæныны æрдæм. Афтæ дæр банысан ис, цæмæй рекомендациты райсты фæстæ, Националон Банкъ йæ партнертимæ иумæ кусдзæн Приоритетты координацигонд райрæзт æмæ æмхæццæ архайæн пълан.
Фембæлдыл Гуырдзыстоны националон банкъы фыццаг вице-президент Екатерина Микабадзе æмæ националон банкъы æндæр æмæ æндæр департаментты къухдариуæггæнджытæ дæр истой хайад» -ис фыст националон банкъы расидæны.