Натиа Турнава  Æхсæнадæмон Валютон Фонды Астæу Хурыскæсæны æмæ Централон Азийы  Департаменты  хистæримæ фембæлдис
Натиа Турнава Æхсæнадæмон Валютон Фонды Астæу Хурыскæсæны æмæ Централон Азийы Департаменты хистæримæ фембæлдис

Гуырдзстоны националон банкы  президенты хæстæ æххæстгæнæг Натиа Турнава  æмæ вице-президент  Арчил  Мествиришвили  фембæлдысты Æхсæнадæмон Валютон Фонды (ÆВФ) Астæу Хурыскæсæны æмæ  Централон Азийы  департаменты  хистæримæ Джихад Азуримæ.

Фембæлдыл  ныхас уыд  регионы экономикон  уавæрыл æмæ уæвæг  расидтытыл.  Натиа Турнава  Джихад Азурæн  Гуырдзыстоны макроэкономикон  тенденцитæ  æмæ  Националон Банкы   реформæтæ базонын кодта.  Уыимæ ныхас уыд  ÆВФ-ы æххуысæй  Гуырдзыстоны эконмоикон  программæйы цыдыл.  Банысан ис, цæмæй  программæ  Гуырдзыстоны макроэкономикон   стабилондзинады сфидар кæнынæн  у ахъаз.  Хъусдард  здæхт уыдис Националон банкы  ролмæ  Гуырдзыстоны  финансон  секторы стабилондзинад сфидар кæныныл.

Визиты фæлгæтты Натиа Турнава  хайад райста  Сомихыстоны Националон  Валютæй – Драмы 30 азы  сæрмæ нывонд   юбилейон мадзалы. Бæрзонд рангы   симпозиум, Дилижаны  Сомихытсоны Централон Банкы  æмæ «Бретон Вудсы Комитеты»  организацигондæй  ацыд.  Националон Банкы президенты хæстæ æххæстгæнæг  базонгæйы равгы  фембæлдтæ ауагъдта  Сомихыстоны æмæ Узбекистаны  Централон банкты  къухдариуггæнджытимæ.