Æхсæнадæмон Валютон Фонд – Европæйы бæстæты æхсæн, астæуæмгъуыдджын  периоды, сеппæтæй бæрзонддæр экономикон райрæзт Гуырдзыстонæн уыдзæн
Æхсæнадæмон Валютон Фонд – Европæйы бæстæты æхсæн, астæуæмгъуыдджын периоды, сеппæтæй бæрзонддæр экономикон райрæзт Гуырдзыстонæн уыдзæн

Æхсæнадæмон  Валютон Фонды  фæстаг прогнозæй, Гуырдзыстонæн,  астæуæмгъуыдон периоды  Европæйы бæстæты æхсæн, сеппæтæй бæрзонддæр экономикон  рæзт уыдзæн.  Фонды аргълæвæрдæй, 2024 азы   Гуырдзыстоны  эконмикон рæзт, 5,7% æрмæст 2025 азы  рæзты темп  5,1% уыдзæн.

Валютон Фонды хыгъдлæвæд афтæма æххæссы  иу  удгоймаг цæрæгыл  æмтгæйон мид продукты  бæрæггæнæнмæ  æлхæнынхъомады паритетыл  æнцойæ.  Ацы бæрæггæгæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон йæ фæстæ фæуагхдта   Евроцæдисы уæнгтæм кандидат фондз бæстæйы æмæ абаргæйæ бæрзонддæр бæрæггæнæнтæ йæм  иннæ  азты дæр удызæн.

Уимæ ма, Æхсæнадæмон Валютон Фонды  прогнозæй,  æлхæнынхъомады паритетыл  æнцойæ, 2023 азы  Гуырдзыстоны  иу удгоймаг цæрæгыл  æмтгæйон мидпродукты  бæрæггæнæн  Евроцæдисы  аналогион   бæрæггæнæны 41%-ы бæрц уыд, æрмæст  2029 азмæ 51%-æй ахиздзæн.  Абарынæн, Евроцæдисмæ кандидат бæстæйы, Цæгат Македонийы  аналогион  бæрæггæнæн 2029 азы 42%, æрмæст Молдовæйы 39% уыдзæн.