Æхсæнадæмон Валютон Фонд Гуырдзыстонæн 38  милуан  доллары  ресурс рауæлдай кæндзæн
Æхсæнадæмон Валютон Фонд Гуырдзыстонæн 38 милуан доллары ресурс рауæлдай кæндзæн

Гуырдзыстоны  хицауады  æмæ  Æхсæнадæмон Валютон Фонды мисиийы   æхсæн   бафыстæуыд  Гуырдзыстонæн фарсхæцæг программæйы  (Stand-By Arrangement) фыццаг   афæлгæсты фæуды фæдыл.   Уый тыххæй информаци  Æхсæнадæмон Валютон  Фонд  хъусын кæны.

Афтæма сæ  хъусинагæй  2022  азы цæстæйуынгæ уыд  Гуырдзыстоны  экономикæйы  фидардзинад, уымæн æмæ   абоны  уавæрæй,  Украинайы  хæсты  æппæрццаг  æндæвдад Гуырдзыстоны  экономикæйыл  раздæр æнхъæлмæкæсинагæй  къаддæрдæр уыд.

Æхсæнадæмон Валютон Фонды информацийæ,  пандемийæ  цырд сæндидзыны фæстæ,  Гуырзыстоны  фæфылдæри  туризмæй æфтиаг, хæстæй  рацæугæ  имиграци  æмæ финансон  къадæты  æфтиаг, афтæма  Гуырдзыстоны  уылты транзитон базарад.

Валютон  фонды хъусын кæнынц, цæмæй  æгæр  зынæмбарæн  уавæрты  инфляци фæкъаддæры   зондджын  политикæ, фискалон  æмæ  валютон буферты  стынг кæнын æмæ  структурон  реформæтæ размæ рахæцын  сфидар кæндзæн макроэкономикон  стабилондзинад æмæ  стынг кæндзæн  экономикæйы уавæр.

26 октябрæй – 7 ноябры  онг ÆВФ-ы мисси Джеймс  Джоны  къухдариуæгæй, Гуырдзыстоны  визитæй  уыд.   Фонды миссийы  къухдариуæггæнæг   абон  лæвæрд брифингыл райхъусын кодта, цæмæй  æхсæнадæмон валютон фонд Гуырдзыстонæн  рауæлдай кæндзæн  38 милуан  доллары  ресурс.

Афтæма йæ  дзырдæй,  Гуырдзыстон сыххæст кодта алы уыцы   сæйраг  домæн, кæцы  программæйы  фæлгæтты  уыд  рагхыгъдгонд.

«2022  азы  экономикæйы  рæзты   прогноз 10 проценты бæрц у; æрмæст азы фæстаг афæдзон  инфляци 10.2 процент уыздæн.  2023  азæй  экономикæйы   рæзты  темпы æмæ  инфляцийы  фæсындæгмæ  æнхъæлмæ кæсæм, æддæйæ æфтиæгты  фæкъаддæры, глобалон экономикон  æмæ финансон   уавæры фæфыддæры,  фæкъаддæргонд фискалон  дефициты  æмæ  карз монетарон  политикæйы фоныл» –  райхъусын кодта уый.