Парти «Гуырдзыстонæн» прокуратурæмæ куырдиат бахаста, Ираклий Къобахидзе Гиорги Гахариайы тыххæй цы фидиуæнтæ арызта уыдоны фæдагуырд ауадзыны тыххæй
Парти «Гуырдзыстонæн» прокуратурæмæ бахаста куырдиат. Уыдон домынц фæдагуырд райдаын Ираклий Къобахидзе Гиорги Гахариайы тыххæй цы фидиуæнтæ арызта уыдоны фæдыл, кæцыты рæстæджы уый раздæры премьер-министры наркотикон буарадтæй фæлхас кæныны фæаххосджын кодта.
Прокуратурæмæ куырдиат бахастой «Гуырдзыстонæн»-ы уæнгтæ Анна Бучукури æмæ Михеил Даушвили. Уыдон прокуратурæйæ æркуырдтой, æнæаргъæвгæйæ фæдагуырдрайдаын «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдары зылынгæнæн фидиуæнтыл, рафарст æрцæуа Къобахидзе, ауадзой афоныл, æххæстаргъджын æмæ объективон фæдагуырд æмæ фыдракæнд не ‘сбæрæгы цауы, дзуаппмæ раттон мæнг нымыгъды тыххæй Къобахидзейы.
«Куы сбæрæг уыдзæн, цæмæй аы зылынгæнæнтæ сты абсолютонæй æнæбындур, уæд хъуамæ слæууа Ираклий Къобахидзейы дзуаппмæ лæвæрды фарста мæнг нымыгъды тыххæй, уымæн æмæ ацы адæймæгтæ не фсон цы кæнынц, уый у фыдракæнд, уый равзарын хъæуы æмæ дзуаппмæ лæвæрд хъуамæ уа алы уыцы уæнг, чидæриддæр мæнг нымыгъдтæ кæны нæ партийы лидеры ныхмæ», – райхъусын кодта Даушвили.