Жозеп Борел -  Уæрæсе  дарддæр кæны  бруталон бырстытæ Украинайы  цæрджытæм, уый бауромын хъæуы
Жозеп Борел - Уæрæсе дарддæр кæны бруталон бырстытæ Украинайы цæрджытæм, уый бауромын хъæуы

Æддаг хъуыддæгты æмæ æдасдзинады  политикæйы  фарстаты  Евроцæдисы   бæрзонддæр  минæвар  Жозеп Борел   Украинæйыл Уæрæсейы  бырсты  кой  кæны.

«Уæрæсе дарддæр кæны  бруталон   бырстытæ   Украинайы  цæрджытæм, æхсæвы  сахатты  дронтæй  æмæ ракетæтæй   бомбæкалд  ракодта   энергетикон инфраструктурæйыл, амард   æмæ фæцæф сты дæсгай  адæймаг, уый  тас хæссы   Запорожьейы  атомон электростанцæйæн. Уый  хъуамæ бауромын хъæуы, алы  фыдгæнæг лæвæрд уыдзæн   дзуаппмæ» –   фыссы  Борел социалон хызаджы.

Бакой уын кæндзыстæм,  ивгъуыд æхсæвы  Уæрæсе    Украинайы энергосистемæйыл  сегасдæр масштабон  бырст сыххæст кодта.

Бæрæг куыд у афтæмæй, уырыссаг æфсæддæтты  нысанæй фестадысты  æндæр æмæ æндæр  энергетикон   объекттæ, фæлæ  «Днипрогэс» сегасдæр   нысаниуæгджынæй  базиан  ис.