Æртæазон паузæйы фæстæ Уæрæсейы президент Владимир Путин Белорусы сæйраг горæт Минскмæ ныццыд, йæ размæ рацыд президент Александр Лукашенко.
Александр Лукашенкойы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, фембæлдыл лидертæ план кæнынц æркæсын стратегион фарстатæ, фыццаджы дæр экономикæйы сферæ. Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ фæныхас кæндзысты Белорусы æмæ Уæрæсейы алыварс уæвæг æфсæддон-политикон уавæрыл.
Афтæма абон Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад ахæлиу кодта видеокадртæ, кæцыты Белорусы территорийыл уырыссаг æфсæддон ахуыртæ сты æвдыст.