Каха Каладзе – гæдыдзинад у, цæвиттон Китайы  Леван Давиташвили æмæ Путины  æхсæн уыд сæрмагонд коммуникаци
Каха Каладзе – гæдыдзинад у, цæвиттон Китайы Леван Давиташвили æмæ Путины æхсæн уыд сæрмагонд коммуникаци

Гуырдзыстон уыдзæн уым,  кæцы ран дæр кæддæриддæр ауадздзыстæм нæ бæстæйы инетерстæ, цы ран  хъахъхъæд уыдзæн амы цæрджыты интерестæ –  уый фæдыл сæйраг горæты мэр Каха Каладзе  медиаимæ Китайы уагъд форумы «Иу рон Иу Фæндаджы» фæдыл фæныхас кодта, кæцыйы  хайад иста Гуырдзыстоны вице-премьер, экономикæйы  министр Леван Давиташвили.

Фарстыл, зæгхгæ уыдис æви нæ фæнысангонд форумыл  Давиташвилийы æмæ Уæрæсейы президент владимир путины  æхсæн   комкоммæ  коммуникаци  Каха Каладзе  дзуапп кæны  цæмæй уый гæдыдзинад у.

«Мæнг, цæвитон се хсæн уыд  сæрмагонд коммуникаци. Чи  хæлиу кæны ацы информаци? Сымах.  Æхсæнады ма бафтаут рæдыды  æмæ ныууадзут  мæнгыты ныхас кæнын.   Мæ позици у тынг  æнцонæмбарæн.  Проект «Иу Рон Иу Фæндаг», кæцыйы сæргъ лæууы Китайы  президент, махæндæр нысаниуæгджын у, бæстæйæн дæр цымидисон у. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, ахæм мадзæлтты хайад райсын æнæмæнгхъæугæ у. Уый тыххæй цæмæй ацы мадзалмæ хуынд уыдис Уæрæсейы президент, нæ  нысан кæны цæмæй мах ацы проектыл зæгъæм нæй. Ам дзырдæуы бæстæйы  фидæныл æмæ ууыл, цæмæй  нæ экономикæ фылдæр бенефиттæ райса.  Уый тыххæй  алцыппæт сараздзыстæм.  Ахæм форматты фембæлдтæ æвæццæгæн фидæны дæр уыдзæн. Гуырдзыстон уыдзæн уым, кæцы ран кæддæриддæр ауадздзыстæм бæстæйы интерес, цы ран хъахъхъæд уыдзысты амы цæрджыты интерестæ» – райхъусын кодта Тбилисы мэр.