Биньямин Нетаньяху  Путинимæ телефонон  ныхасы рæстæджы æнæрайгонддзинад равдыста Газæйы конфликты фæдыл Уæрæсейы позицийы тыххæй
Биньямин Нетаньяху Путинимæ телефонон ныхасы рæстæджы æнæрайгонддзинад равдыста Газæйы конфликты фæдыл Уæрæсейы позицийы тыххæй

Биньямин Нетаньяху Владимир Путинимæ  ныхасы рæстæджы  æнæрзыдзинады равдыста   Газæйы секторы конфликты фæдыл  Уæрæсейы позицийы тыххæй.  Израилы  премьер-министры æмæ Уæрæсейы преизденты æхсæн  телефонон дзырд 50 минут аххæссыд.

Нетаньяху  Путинимæ ныхасы рæстæджы  афтæдæр карзæй  скритикæ кодта Уæрæсейы æмæ Ираны  æхсæн  æмгуыстад.

«Германи куыд сæвдæлон ис нацисттæй,  иунæг нацист  дæр нæй  официалон  офисты – афтæ уыдзæн «Хамасы» цауы  дæр.  Израил нæ бафæраздзæн «Хамасы» алы уæнгы скуынæг  кæнын, фæлæ  сæйраг у  къухдариуæгады æххæст ликвидаци, контролы æмæ  хицаудзинадыл нæзагъд», –  загъдта  Израилы премьер-министр Уырысы  президентæн.

Израилы медиайы информацийæ, Биньямин Нетаньяху  Владимир Путинæн  бузныг загъта  Уæрæсейы æмбæстагад кæмæн ис  уыцы  израилаг  уацайрæгты  ссæрибар кæнынæн  æмæ райхъусын кодта, цæмæй Израил  архайдзæн куыд политикон, афтæ  æфсæддон мадзæлттæй  алы  скъæфтгонд ссæрибар кæнынæн.