Джо Байден Владимир Путины æррайæ схуыдта
Джо Байден Владимир Путины æррайæ схуыдта

АИШ-ы президент  Джо Байден, Уæрæсейы  президент владимир путины  æррайæ схуыдта.  Уый фæдыл  фыссы «Гардиан».

Байден путины тыххæй ацы фидиуæн  климатон ивддзинæдтыл ныхасы рæстæджы  сарызта.

«Ис нæ  æрра, æнаккаг  путин æмæ кæддæриддæр хъуамæ сагъæс кæнæм  атомон   конфликты тыххæй, фæлæ адæймагады эгзистенцион  азар у  климат» – банысан кодта Байден.

АИШ-ы президент афтæдæр   комментари сарызта  Дональд Трампы  фидиуæныл, кæцыйы  уый дзуры, цæмæй  Алексей Навальныйау  политиконæй мотивиргонд  сурыны  тасы раз  æрлæууыд.

Джо Байдены  дзырдæй,  уый зæгъгæ дисы æфтыд  у  Трампы ацы фидиуæнæй.

«Ацы  адæймаг иу  цы зæгъы  уыдонæй  бирæ дзырдтæ,  дæнцæн Навальныйимæ  йæхи куы абарста   уый,  цæмæй   нæ бæстæ  коммунистон бæстæйæ  фестад æмæ йæ  сырдтой  зæгъгæ куды Навальныйы, уыдæттæн ницы æмбарын  кæцæй  сæ æрхæссы» –  банысан кодта Джо Байден.