Гуырдзыстон-Таджикистаны иумæйаг коммюнике – Æмгуыстады фæтыхджындæр кæнын дыууæ бæстæйы интерестæн дæр лæггад кæны, фарсытæ алы æмвæзадыл политикон контакттæ бахъахъхъæнынмæ цымыдисдзинад расидтысты
Хицауадты æхсæн æммахастытæ æмæ кæрæдзийæн пайдайаг æмкуыстдзинады æнæрлæугæйæ фидар кæнын лæггад кæны дыууæ бæстæйы дæргъвæтин интерестæн, фарсытæ алы æмвæзады политикон контакттæм цымыдисдзинад расидтысты – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе æмæ Таджикистаны президент Эмомали Рахмоны иумæйаг коммюникейы ис фыст.
Коммюникейы ныхас цæуы Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзейы 19-20 июны Таджикистанмæ официалон визиты нысаниуæгыл.
«Æууæнкдзинады æмæ кæрæдзийы æмбарынады атмосферæйы уагъд бадзырдты рæстæджы фарсытæ бахахх кодтой визиты нысаниуæгдзинад, кæцы Таджикистан æмæ Гуырдзыстоны æхсæн дывæрсыг ахастыты историйы ног фарс байгом кодта.
Дыууæ бæстæйы адæмты ‘хсæн цы фидар историон бастдзинæдтæ æмæ æнусон хæларадон ахастытæ уыд, уыдоныл æнцойгæнгæйæ æмæ 1994 азы 4 августы Республикæ Тæджикистан æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн «Дипломатон ахастытæ сфидар кæныны тыххæй» протоколы æнæфæцудгæдзинад хынцгæйæ, бауырныдта, æхсæнпаддзахадон ахастыты æнæфæцудгæ фидар кæнын æмæ кæрæдзийæн пайда кæй кæнынц, уый дæргъвæтин рæстæг кæй лæггад кæны кæрæдзийæн дыууæ бæстæйы æхсæн дæр, æмæ афтæдæр тырнгæйæ партнердзинады ноджы фæарфдæр кæнынмæ æмæ æмгуыстады эффективондзинад фæбæрзонддæр кæнынмæ æхсæнадæмон организациты фæлгæтты, кæцыты уæнгтæ сты Республикæ Таджикистан æмæ Гуырдзыстон. Паддзахадтæ, суверенитетæн кад кæныны, æмбарады æмæ кæрæдзийæн пайдайы принциптæй разамынд дæтгæйæ, æнæрлæугæйæ рæзын кæндзысты æууæнк æмæ кад кæныныл бындурæвæрд ахастытæ.
Партитæ равдыстой цымыдисдзинад алы æмвæзадыл политикон бастдзинæдтæ дарддæр фидардæр кæнынмæ. Ацы контексты уыдон сæрмагондæй бахахх кодтой Таджикистан-Гуырдзыстоны парламентон хæлардзинады къорды активондзинады фæкарздæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад» -ис фыст документы.