Олаф Шольц – Уæрæсейы  æнæнтыст  растад фæлæмæгъ кодта  Владимир Путины, фæлæ  Украинамæ  Уæрæсейы  бырсты фæстиуджытæ нырма  кæронмæ бæрæг не сты
Олаф Шольц – Уæрæсейы æнæнтыст растад фæлæмæгъ кодта Владимир Путины, фæлæ Украинамæ Уæрæсейы бырсты фæстиуджытæ нырма кæронмæ бæрæг не сты

Германийы  канцлер  Олаф Шольц  нымайы,  цæмæй  Уæрæсейы  æнæнтыст  растад  фæлæмæгъ  кодта    президент Путины, фæлæ  Украинамæ Уæрæсейы  бырсты  фæстиуджытæ нырма дæр кæронмæ бæрæг не сты. Уый фæдыл   Германийы  канцлер  Æхсæнадон Уацхæссæг  ARD-имæ  интервьюйы  загъта.

«Ардгæй  бæрæг у, цæмæй  ис  фастытæ  автократон   структурæты  æмæ уый, цæмæй  нæ бады  афтæ  фидар  йæ  бынаты.  Æз нымайын,  цæмæй  уый  фæлæмæгъ  ис», – банысан кодта Шольц.

Канцлер  райхъусын кодта, цæмæй  Уæрæсейы  уавæр   нырма дæр ныттынггонд у  æмæ Германи  арæхстгай  архайдзæн.

«Уæрæсе атомон тых у, уымæ гæсгæ  дæр кæддæриддæр  хъусдардæй хъуамæ  уæм,  тæссаг ситуацитæ куы сæвзæрдзæн  æмæ   ай у раст тæссаг  уавæр», – райхъусын кодта  Олаф Шольц.

Канцлер ма афтæдæр загъта, цæмæй Германи йæ фарс хæцы Украинайæн, цæмæй  йæ  бон  бауа  йæхи бахъахъхъæнын  æмæ  банысан кодта, цæмæй  Украинайæн фарсхæцыны  нысан нæу  Уæрæсейы  режимы фæивын.

Фарстыл, цас рæстæг у  йæ бон Путинæн хицауады баззайын  Вагнеры   растады  фæстæ,   канцлер  комментари  саразынæй  йæхи баурæдта.

«Нæ  мæ  хъæуы  исты хуызы   спекуляцитæм баиу кæнын, сæрмагондæй та  уый тыххæй,  цæмæй цас рæстæджы баззайдзæн   Путин  хицауады.   Уый гæнæн ис   дæргъвæтин  уа, гæнæн  цыбырæмгъуыдон, мах ницы  зонæм», –  райхъусын кодта  уый.

Шольц ма бафтыдта, цæмæй Кремлы  къухдариуæгад раивын, гæнæн ис  ма уа  сегасдæр хуыздæр вариант. «Мах   нæ  зонæм, чи æрбацæудзæн  Путины фæстæ, хуыздæр æви фыддæрдæр», – бафтыдта Шольц.