Медиайы  хъусинагæй, Турчы план кæны  Путины æмæ Володимир Зеленскийы  визиттæ
Медиайы хъусинагæй, Турчы план кæны Путины æмæ Володимир Зеленскийы визиттæ

Туркаг медиайы хъусинагæй, Туркмæ визитæй ныццæудзысты Уæрæсейы президент Владимир Путин æмæ  Украинайы преиздент  Володимир Зеленски.

Медиайы  хъусинагæй,  Турчы нырма  Путины  æмæ   стæй  та Володимир Зеленскийы  визит  план кæны.

Турчы президент   Реджеб Тайип Эрдогъаны  фембæлдтæ Украинайы æмæ Уæрæсейы   лидертимæ   хицæнтæй ацæудзæн.

Медиайы  хъусинагæй  Путин Туркмæ специалон  визитæй,   Эрдогъаны   инаугурацийы  фæстæ  ныццæудзæн  фæлæ  визиты бæлвырд  датæ ацы афонмæ бæрæг нæу.

Медиайы информацийæ,  Путины æмæ Зеленскийы   визиттыл æркæсдзысты  хæсты æмæ   хоры  кæлидоры  фæдыл фарстатæ.

Турчы 3-4  июны,  ногæвзæрст  президент Реджеб Тайип Эрдогъаны  инаугураци  ацæудзæн, кæцыйыл æндæр æмæ æндæр бæстæты  лидертæ  уыдзысты.