Владимир Путин  Минскмæ ныццыд
Владимир Путин Минскмæ ныццыд

Æртæазон паузæйы  фæстæ  Уæрæсейы президент  Владимир Путин  Белорусы сæйраг горæт Минскмæ ныццыд, йæ размæ рацыд  президент Александр Лукашенко.

Александр Лукашенкойы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   фембæлдыл   лидертæ   план кæнынц  æркæсын  стратегион   фарстатæ, фыццаджы дæр  экономикæйы  сферæ.   Афтæма йæ дзырдæй,   зæгъгæ фæныхас кæндзысты  Белорусы æмæ  Уæрæсейы алыварс  уæвæг æфсæддон-политикон   уавæрыл.

Афтæма абон  Уæрæсейы  хъахъхъæнынады  министрад  ахæлиу кодта  видеокадртæ,  кæцыты Белорусы  территорийыл  уырыссаг æфсæддон ахуыртæ сты  æвдыст.