Уæрæсейы вице-премьер хъусын кæны, цæмæй  уырыссаг нефты импортыл эмбаргойы цауы,  Мæскуы Германимæ æрдзон газ дæттын бауромдзæн
Уæрæсейы вице-премьер хъусын кæны, цæмæй уырыссаг нефты импортыл эмбаргойы цауы, Мæскуы Германимæ æрдзон газ дæттын бауромдзæн

Уæрæсейы хъусын кæнынц, цæмæй  уырыссаг нефты импортыл эмбарго куы  сывæрой,  уæд Мæскуы   Германимæ æрдзон газ нал бадæтдзæн.  Уый фæдыл   фидиуæн сарызта Уæрæсейы   вице-премьер Александр Новак.

«Ис нын æххæст бар,  цæмæй  дзуаппон мадзæлттæ райсæм  æмæ  сывæрæм эмбарго  æрдзон газæй ифтонгадыл, «Цæгаты къада-1»-ы  газдадзæны фæрцы» – райхъусын кодта  Уæрæсейы  вице-премьер.

Афтæма  йæ ныхæстæм  гæсгæ, «Уырыссаг нефтыл  нæзагъд, Дунейы базарæн  катастрофон   фæтсиуæг æрхæсдзæн». ЙÆ æнхъæлцмæ  гæсгæйæ,   ахæм цауы  «Сау сыгъзæрины»  аргъ  иу  барелыл  300-долармæ ахæццæ уыдзæн.

Новакы  дзырдæй,  Евроцæдисæн   уырыссаг нефты  альтернативæ  тагъд бацагурын  нæгæнæн уыдзæн.

Уыимæ ма, «ВВС» куыд хъусын кæны афтæмæй,  АИШ нырид   ахуыр кæны   фадæттæ, цæмæй  уырыссаг нефты импортыл   эмбарго сфидар кæна, фæлæ  Германи  æмæ Нидерландтæ  ацы  планы  ныхмæ  сты.

Ацытæккæ Евроцæдис хъæугæ нефты 30%, æрмæст æрдзон газы 40%  исы  Уæрæсейæ.