Уæрæсейы æддагполитикъон уагдон - Германи уырыссаг дипломатты кæй ратардта уый æнæлегитимон къахдзæф у æмæ Уæрæсе дзуаппон мадзæлттæ райсдзæн
Германийæ уырыссаг дипломатты кæй раддæдуар кодтой уыцы къахдзæф легитимон нæу æмæ Уæрæсе дзуаппон мадзæлттæ райсдзæн – уый фæдыл уырыссаг медиаæн бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты министрады фемхъусын кодтой.
Уæрæсейы æддагполитикъон уагдоны дзурынц, цæмæй зæгъгæ Берлины æнæраст скуыддзагæй фæбæрæг, фæдæвзарæнмæ Германийæн политизиргонд ахаст кæй ис уый.
«Немыцаг фарс, Берлинæй Уæрæсейы минæварады кусджыты раддæдуар кæнын æнæбындур æмæ æнæлегитимоныл нымайæм. Фæдæвзарæнмæ гæсгæ, политизиргонд ахаст нæрайсгæ у. Тыхбыг стæм, дзуаппон комплексон мадзæлттæ райсын» – райхъусын кодтой Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады.
Берлины, Гуырдзыстоны æмбæстагы, Зелимхан Хангошвилийы марындзинады хъуыддаджы фæдæвзарынмы тыххæй, Германий дыууæ уырыссаг дипломаты персона нон-гратайæ банымадта æмæ сæ бæстæйæ ратардта.