Германийы æмæ Лиетувæйы хъахъхъæнынады министртæ къух бафыстой бадзырдыл, кæцымæ гæсгæ дæр Германи, 2025 азæй  Лиетувæйы, æдзух йæ æфсæддон хайадты æрлæууын кæндзæн
Германийы æмæ Лиетувæйы хъахъхъæнынады министртæ къух бафыстой бадзырдыл, кæцымæ гæсгæ дæр Германи, 2025 азæй Лиетувæйы, æдзух йæ æфсæддон хайадты æрлæууын кæндзæн

Германийы æмæ Лиетувæйы хъахъъхæнынады министртæ Лиетувæйы Германийы  Бригадæйы иудадзыг дсилокацийы фæндагон картæ бафыстой.

Медиайы хъусинагæй, уый   Германи йæ æфсæддон хайадты фæстæйы фæсарæнты иудадзыг куы æрлæууын кæндзæн ахæм фыццаг цау  у.

Германийы хъахъхъæнынад министр  Борис Писториус  фæнысангонд бадзырды къухæвæрд  историон моментæй схуыдта.

«Цæттæ стæм   æмæ  бахъахъхъæндзыстæм НАТО-ы террторийыл» райхъусын кодта Борис Писториус, лиетувæйаг коллегæ Арвидас Анусаускасимæ  иумæйаг прессфконференцийыл.

Министртæ  бæлвырд фехъусын кодтой  сæ бæстæты цæттæдзинад,  рахæцй кæрæдзийы сæрыл  æмæ альянсы территорийы алы  сантиметр  НАТО-ы уагæвæрды  фæндзæм  статимæ гæсгæйæ.

Бундесверы  юригадæйы  æрлæууын кæнын Лиетувæйы 2025  азы райдайдзæн  æмæ æххæст  хæстон цæттæдзинадмæ  2027 азы   бахæццæ уыдзæн.   Плангонд у 4800 æфсæддоны æмæ  200 æмбæстагон гоймагы  арвитын.  НАТО-йы хурыскæсæны флангыл  Бундесверы бригадæйы æрлæууын кæнынæн йæ нысан у, Уæрæсейы  бауромын. Прессконференцийыл Лиетувæйы хъахъъæнынады министр  куыд райхуъсын кодта афтæмæй, Уæрæсейы  агрессивон политикæ бæстæйæн сегасдæр  стыр азар у.