Уæрæсейы  æддагполитикъон уагдон -  Германи уырыссаг дипломатты кæй ратардта  уый  æнæлегитимон къахдзæф у æмæ Уæрæсе  дзуаппон мадзæлттæ райсдзæн
Уæрæсейы æддагполитикъон уагдон - Германи уырыссаг дипломатты кæй ратардта уый æнæлегитимон къахдзæф у æмæ Уæрæсе дзуаппон мадзæлттæ райсдзæн

Германийæ  уырыссаг дипломатты  кæй  раддæдуар кодтой  уыцы  къахдзæф легитимон нæу  æмæ Уæрæсе  дзуаппон   мадзæлттæ райсдзæн –  уый фæдыл   уырыссаг медиаæн  бæстæйы  фæсарæн  хъуыддæгты министрады  фемхъусын кодтой.

Уæрæсейы   æддагполитикъон уагдоны  дзурынц, цæмæй зæгъгæ  Берлины  æнæраст   скуыддзагæй  фæбæрæг,  фæдæвзарæнмæ  Германийæн политизиргонд ахаст кæй ис  уый.

«Немыцаг фарс, Берлинæй Уæрæсейы   минæварады  кусджыты  раддæдуар кæнын æнæбындур æмæ   æнæлегитимоныл нымайæм.  Фæдæвзарæнмæ гæсгæ,  политизиргонд  ахаст  нæрайсгæ у.  Тыхбыг стæм, дзуаппон комплексон мадзæлттæ райсын» –  райхъусын кодтой  Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты  министрады.

Берлины, Гуырдзыстоны æмбæстагы, Зелимхан Хангошвилийы  марындзинады  хъуыддаджы  фæдæвзарынмы тыххæй,   Германий  дыууæ  уырыссаг дипломаты  персона нон-гратайæ  банымадта æмæ сæ  бæстæйæ  ратардта.