«Блумберг» - Германийы  хицаугæнæг коалици  фидæн азы Украинайæн æфсæддон æххуысы фæдывæр кæныны æмæ аст миллиард евройы онг фæфылдæры фæдыл æрдзырдта
«Блумберг» - Германийы хицаугæнæг коалици фидæн азы Украинайæн æфсæддон æххуысы фæдывæр кæныны æмæ аст миллиард евройы онг фæфылдæры фæдыл æрдзырдта

Германийы  фæткдæттæг  коалици фидæн  азы  Украинайæн æфсæддон æххуысы  фæдывæр кæныны æмæ аст миллиард  евройы онг райрæзын кæныныл  æрдзырдта.  Информаци  уый фæдыл  агентад «Блумберг»  сæрмагонд равзæрæныл æнцойæ  хъусын кæны.

Медиафæрæзты хъусинагæй, фæнысангонд планы парламентæй  сфидар кæныны цауы, Германийы хъахъхъæнынады хардзтæ  æмтгæйон мид продукты  дыууæ процентæй ахиздзæн, кæцы НАТО-йы  уæнг  бæстæты  дзырдлæвæрды  æвдисæг у.

«Блумбергæн» бæрæг куыд ссис  афтæмæй, Олаф Шольцы  социал-демократтæ, сæрибар демократтæ æмæ цъæхты  парти æфсæддон хардзтæ райрæзын кæныныл 2024 азы федералон бюджеты  проекты кæсыны  рæстæджы  æрдзырдтой.