«The Washington Post»- Сау Денджызыл, Гуырдзыстон, пандемийæ,  курортон æмбæхсæн у
«The Washington Post»- Сау Денджызыл, Гуырдзыстон, пандемийæ, курортон æмбæхсæн у

Гуырдзыстон бавдыстæуыд Сау Денджызыл, пандемийæ  курортон хиæмбæхсæнæй –  ахæм сæргондæй  статийы   публикацийы  кæны  «The Washington Post».

Статийы  автор Изабель Хуршудян  пандемийы фоныл,  Гуырдзыстон схуыдта туризмæн æдас  бæстæйæ.

«Иуварс акæнут  рагон сæндæттæ,  дзоныгъон  курорттæ æмæ Сау денджызы  донбыл.  Гуырдзыстонмæ ис   ног  туристон   фæз, бынатыл пандемийæ баулæфынæн. Ног  коронавирусыл Гуырдзыстоны реагиркæнынад- æнтыстджын  истори у»  банысангонд у статийы.

Автор куыд банысан кодта афтæмæй,  зæгъгæ Гуырдзыстон иуæй-иу фыццаг  у  уыцы  бæстæты  æхсæн, кæцытæ хъавгæйæ  райдайынц  туризмы индустрийы  ранæуæг, æнæкæсгæ  уымæ, цæмæй  коронавирусы æртъхъирæн нырма дæр ис,   куыд потенцион  бæлццæттæн, афтæ  бынатыл уæвджытæн.

Статийы бавдыст у  экономикæйы  министры Натиайы Турнавайы  фидиуæн, кæцыйы  мидæг банысангонд у, цæмæй  фыццаг июлæй  Гуырдзыстон йæ  арæнтæ куы фегом  кæндзæн, уый  алкæмæн рæувадат нæ уыдзæн. Министр куыд æмбарын кæны  уымæ гæсгæ,   Гуырдзыстон, зæгъгæ æнхъæлмæ кæсы туристтæм ахæм бæстæтæй,  кæцыты, эпидемиологионæй,  абаргæйæ  Гуырдзыстоны æнгæс  уавæр ис.

Статийы  банысангонд у, цæмæй   премьер-министр Гиорги Гахариа  æрсидтис  гуырдзиаг минæвæрттæм, бауой  Гуырдзыстоны сæйраг маркетологтæй  уыцы  бæстæты, кæцы рæтты дæр кусынц.

Нырма бæрæг нæу,  кæд бауадздзæн Гуырдзыстон бæстæмæ балцгæнджыты  АИШ-æй. Экономикæйы министр    Натиа Турнава  куыд хъусын кæны  уымæ гæсгæ, зæгъгæ  иуæй-иу бæстæтæй  тукристты  гæнæн ис  бахъæуа,  коронавирусыл размæлгъау  тесты æппæрццаг  фæстиуæг  бавдисын.

«The Washington Post»-ы  статийы   афтæдæр ис дзырд, цæмæй   «бæстæйы, кæцыйы фæдыл   раздæр, мидзмæстыты  тыххæй  фыстой статитæ,  коронавирусæн баæразыны  æрдгæй  хицауадыл æхсæнады диссаджы  æууæнк  равдыста».