«The Telegraph» - Гуырдзыстон Европæйы хицæн кæны, куыд бæстæ, кæцы глобалон пандемийæн хорз бахъом ис
Гуырдзыстон хицæн кæны европæйаг адæмты æхсæн, куыд бæстæ кæцы, глобалон пандемийæн, æнæнхъæлæджы диссаджы хорз бахъом ис – уый фæдыл бритайнаг æрвылкъуырион рауагъдад «Телеграфы» статийы мидæг у банысангонд.
«Телеграфы» статийы сæргондæй – «Цы ис гæнæн сахуыр уа Британи чысыл бæстæтæй, цæмæй йæхи аиуварс кæна æххæст карантинæй» – дзырдæуы, цæмæй низæн бахъом уынæн къухаразæг фадæттæ, пандемийы онг, Гуырдзыстонмæ нæ уыд, фæлæ фæстæдæр диссажды фæстиуæг равдаста.
«Æнæнизхъахъхъæды æдасдзинады глобалон индекс, кæцыйæ сбарынц бæстæйы фадæттæ, юахъом уа низтæн, коронаврусон низы размæ, Гуырдзыстонмæ зæрдæмæдзæугæ нæ уыд. Ивгъуыд азы Кавказаг бæстæ йæ цæттæдзинады æмвæзадæй лæууыд 42-æм бынатыл. Раздæры советон бæстæ, Британийы, Францы, Германийы, Нидерландты æмæ Швецийы бæрзонд рейтингтимæ абаргæйæ, тынг мæллæггомау зындис. Æнæкæсгæ уымæ цæмæй «Ковид 19» ивгъуыд къуырийы милуанон нысанæй ахызтис, Гурдзыстон европаг адæмты æхсæн хицæн кæны уымæй, æмæ глобалон пандемийæн æнæнхъæлæджы диссаджы хорз бахъом ис» – банысангонд у статийы.
«Телеграф» афтæдæр фыссы, цæмæй 4 апрелмæ Гуырдзыстоны, «Ковид 19»-æй иу адæймаг дæр нæ амардис, фæрынчынуæвджытæй алчидæр та, импортиргонд кæнæ импортиргондтимæ хæстæг контакт кæмæн уыд уыцы адæймæгтæ сты.