The Telegraph – Сомихыстоны арæнгæрон  мобилизаци кæны Азербайджаны æфсад
The Telegraph – Сомихыстоны арæнгæрон мобилизаци кæны Азербайджаны æфсад

«The Telegraph»-ы информацийæ, Сомихыстоны арæнгæрон мобилизаци кæны Азербайджаны  æфсад.  Рауагъдад фыссы, цæмæй  Азербайджайнаг æфсддæттæ  хæдтулгæтыл, «Хæсты нысæнттæ» ныв кæнынц, кæцы  у Уæрæсейы æфсады архæйдтыты æнгæс Украинамæ  бырсты размæ.

«The Telegraph»-ы хъусинагæй, «информацион фидардзинады центры» (CIR) публикацигонд рагысгарæгон  æрмæг, бæрæг куыд у афтæмæй,  бæлвырд кæны сомихаг  фарсы   фидиуæнтæ, ома Азербайджан йæхи цæттæ кæны хæстмæ.

Азербайджаны базæтыл интенсивон  активондзинады параллелонæй, «Информацион   фидардзинады Центры»  хъусын кæнынц, цæмæй  афтæма  фæфиппайдтой   тахтыты рæзт  Азербайджан æмæ Израилы  æфсæддон аэродромты æхсæн.

Азербайджайнаг  æфсæддон  символтæ сты  дæлгом фыст «А» æмæ  стилизацигонд  «F» æмæ фылдæр нывгонд  æфсады фистæгты  уæзласæн   хæдтулгæтыл æмæ  згъæртранспортертыл.