Синоптикты информацийæ, Гуырдзыстоны фыццаг ноябры онг æнхъæлмæкæсинаг у абаргæйæ хъарм æмæ æнæкъæвда боныгъæд
Синоптикты информацийæ, Гуырдзыстоны фыццаг ноябры онг æнхъæлмæкæсинаг у абаргæйæ хъарм æмæ æнæкъæвда боныгъæд

Синоптикты информацимæ гæсгæ, фыццаг ноябры онг Гуырдзыстоны абаргæйæ хъарм æмæ æнæкъæвда боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг. Алфæмблайы националон агентады информацийæ, ныллæг зонæты æмæ тæрфыты уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +15, +20 градусы æхсæн, æхсæвы та ныллæгæй баззайдзæн.
«Тбилисы уыдзæн æнæкъæвда боныгъæд. Бонæй уæлдæфы температурæ +16, +18, æхсæвы та +3, +5 градусы уазал.
Денджызы былгæрæтты (Батумы, Кобулеты, Анаклиайы, Поты): боныгъæд уыдзæн хъарм æмæ æнæкъæвда. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +18, +20 градусы.
Къахеты (Сагареджойы, Телавы, Гурджааны, Сигънагъы, Лагодехы, Хъуарелы, Ахметайы, Дедоплисцъхъаройы): хъарм æмæ æнæкъæвда уыдзæн. Боны дæргъы уæлдæфы температурæ уыдзæн +16, +18 градусы.
Скæсæн Гуырдзыстоны хæххон бынæтты (Ахалкалакы, Цалка, Бакурианы, Гудауры, Омалойы): боныгъæд уыдзæн æнæкъæвда. Уæлдæфы температурæ боны дæргъы +6, +11 градус уыдзæн», – банысангонд у алфæмблайы националон агентады информацийы.