Синоптикты информацийæ, Гуырдзыстоны 29-æм ноябрæй æнæдæлдзырæттæ боныгъæд уыдзæн
Синоптикты информацийæ, Гуырдзыстоны 29-æм ноябрæй æнæдæлдзырæттæ боныгъæд уыдзæн

Алфæмблайы националон агентад 29-30 ноябры æмæ 1-2 декабры Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл информаци публикаци кæны.

Уагдоны информацийæ, 29-æм ноябрæй Гуырдзыстоны къæвда æрлæудзæн. Боны дæргъы, ныгуылæн Гуырдзыстоны фæхъарм уыдзæн, скæсæн Гуырдзыстоны та уазал боныхъæд хъахъхъæд æрцæудзæн.

Тбилисы 2-æм декабрмæ æнхъæлмæкæсинаг у æнæкъæвда боныхъæд, 2-æм декабры та гæнæн ис чысыл къæвда æмæ мит уа. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +7, +9 градусы.

Денджызы былгæрæтты (Батумы, Кобулеты, Анаклиаы, Поты): æнхъæлмæкæсинаг у æнæкъæвда боныгъæд. Боны дæргъы уæлдæфы температурæ схиздзæн +10, +15 градусы онг.

Къахеты (Сагареджо, Телави, Гурджаани, Сигънагъи, Лагодехи, Хъварели, Ахмета, Дедоплисцъхъаро): 2-æм декабры онг боныгъæд уыдзæн фылдæр æнæкъæвда, 2-æм декабры та иуæй-иу рæтты æнхъæлмæкæсинаг у чысыл къæвдатæ æмæ мит. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +4, +9 градусы, æхсæвы та гæнæн ис æмæ æрхауа -4, -6 градусы онг.

Скæсæн Гуырдзыстоны хæххон районты (Ахалкалаки, Цъалка, Бакуриани, Гудаури, Омало): боныгъæд фылдæр æнæкъæвда уыдзæн. Уæлдæфы температурæ боныгон -4, +1 градус уыдзæн, æхсæвы та -8, -13 градусы онг æрхаудзæн.