Синоптикты информацийæ, 12-æм октябры Гуырдзыстоны фылдæр хатт уыдзæн æнæкъæвда боныгъæд, 13-15-æм октябры та уазал æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ къæвда боныгъæд уыдзæн æнхъæлмæкæсинаг
Æрдзы национ агентад 12-15 октябры Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныгъæды фæдыл информаци публикаци кæны.
Синоптикты прогнозæй, 12 октбяры хъармы фоныл Гуырдзыстоны ранæй-рæтты рауардзæн къæвда, æрмæст 13-15 октябры æнхъæлмæкæиснаг у уазал æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ къæвдаджын боныгъæд.
ТБьилисы 12 октябры изæрмæ фылдæр æнæкъæвда боныгъæд уыдзæн. 13-15 октябры та райдайдзæн къæвда. Уæлдæфы температурæ бонæй +17, +19 градусы онг æрхаудзæню
Денджызы былгæрæтты (Батум, Къобулеты, Анаклийы, Поты): хъарм æмæ æнæкъæвда боныгъæд æнхъæлмæкæсинаг у 13-æм октябры боны дыккаг æмбисмæ, уый фæстæ та фæуазал уыдзæн æмæ къæвда уыдзæн. Боны дæргъы уæлдæфы температурæ æрхаудзæн +19, +21 градусы онг.
Къахеты (Сагареджо, Телави, Гурджаани, Сигънагъи, Лагодехи, Хъуарелы, Ахмета, Дедоплисцъхъаро): 12-æм октябры иуæй-иу рæтты æруардзæн къæвда æввахс хъармдзинады фоныл, 13-15 октябры та уазал æмæ хатгай къæвда боныгъæд у кæсинаг. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +16, +19 градусы.