Синоптиктæ хъусын кæнынц, цæмæй Гуырдзыстоны 17-æм апрелы онг къæвдаджын боныгъæд фæуыдзæн
Синоптиктæ хъусын кæнынц, цæмæй Гуырдзыстоны 17-æм апрелы онг къæвдаджын боныгъæд фæуыдзæн

Алфæмблайы националон агентад 15-17 апрелы Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл информаци парахат кæны.

Синоптикты информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны 17-æм апрелы онг уазал æмæ къæвда боныхъæд фæхъæудзæн, 17-æм апрелы та бæстæйы фылдæр рæтты фæсыгъдæг уыдзæн æмæ фæхъарм уыдзæн.

Тбилисы 15-16 апрелы къæвда уыдзæн, 16-æм апрелы та тыхджын цæгат-ныгуылæн дымгæ уыдзæн, уæлдæфы температурæ +12 уыдзæн, 15-16-æм апрелы боныгон +14 градус уыдзæн, 17-æм апрелы та +20 градусы онг схъарм уыдзæн.

Денджызы былгæрон районты (Батум, Кобулеты, Анаклиайы, Поты): 15-æм апрелы уыдзæн уазал æмæ къæвдаджын боныгъæд.Уæлдæфы температурæ уыдзæн +10, +12 градусы. Мигъ уыдзæн 16-17 апрелы æмæ хъарм уыдзæн +17, +19 градусы онг.

Къахеты (Сагареджойы, Телавы, Гурджааны, Сигънагъ, Лагодехы, Хварелы, Ахметайы, Дедоплисцъхъаройы): 15-16 апрелы уыдзæн уазал æмæ къæвдаджын боныгъæд. 16-æм апрелы иуæй-иу рæтты тыхджын ныгуылæйнаг дымгæ дымдзæн. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +10, +15 градусы, 17-æм апрелы та фæсыгъдæг уыдзæн æмæ +15, +20 градусы онг схъарм уыдзæн.

Скæсæн Гуырдзыстоны уæлхох районты (Ахалкалакы, Цъалкйы, Бакурианы, Гудауры, Омалойы): 15-16 апрелы иуæй-иу рæтты ихуардзæн. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +2, +7 градусы, 17-æм апрелы та фæсыгъдæг уыдзæн æмæ +8, +13 градусы онг схъарм уыдзæн.