Синоптиктæ æввахс бонты хъарм æмæ хус боныхъæд уыдзæн, иуæй-иу районты уæлдæфы температурæ 29 градусы онг схæццæ уыдзæн
Алфæмблайы националон агентад 14-16 марты Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл информаци парахат кæны.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, æввахс бонты дæр Гуырдзыстоны хъарм æмæ хус боныгъæд баззайдзæн.
” Тбилисы хъарм æмæ хус боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +24, +26 градусы.
Денджызыбыл регионты (Батум, Кобулеты, Анаклиайы, Поты): Боныхъæд уыдзæн хъарм æмæ хус. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +25, +27 градусы.
Къахеты (Сагареджо, Телавы, Гурджааны, Сигънагъы, Лагодехы, Хъварелы, Ахметайы, Дедоплисцъхъаро): Æнхъæлмæкæсинаг у хъарм æмæ хус боныгъæд. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +24, +26 градусы.
Скæсæн Гуырдзыстоны хæххон районты (Ахалгоры, Борджомы, Душеты, Тианеты, Пасанауры): Къæвдатæ нæ уыдзæн. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +20, +22 градусы.
Скæсæн Гуырдзыстоны хæххон районты (Ахалкалакы, Цъалкайы, Бакурианы, Гудауры, Омалойы): Къæвда нæ уыдзæн. «Боны мидæг уæлдæфы температурæ уыдзæн +15, +17 градусы», – ис фыст алфæмблайы националон агентады хъусинаджы.