Сау Денджызы НАТО-Гуырдзыстоны иумæйаг денджызон ахуыртæ ауагъдтой
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады арæйнон пъæлицæйы донбылхъахъхъæды æмæ НАТО-йы денджызон иугонды наутæ Сау денджызы иуæймаг ахуыртæ ауагъдтой.
МХМ-ы информацийæ, ахуыр, НАТО-ы иудадзыгархайæг дыккаг минæтыныхмæ иугонды (SNMCMG2) портон визиты фæлгæтты ацыд.
«Ахуыртæн сæ нысан уыд Гуырдзыстоны æмæ НАТО-йы денджызон тыхты кæрæдзиимæ æмбынатиндзинад сбæрзонддæр кæнын æмæ нæ бæстæйы иргъæфхъомад стынг кæнын.
НАТО-йы денджызон иугонды визиттæ Гуырдзыстоны порттæм регулярон равг хæссынц æмæ Сау Денджызы æдасдзинад сфидар кæнынын æрдгæй, НАТО-Гуырдзыстоны æмгуыстады иуæй-иу рахатинаг фæстиуæг у. 2021 азы НАТО-йы наутæ Гуырдзыстонмæ нырид дыккæгæм хатт фæуазæг сты», – банысангонд у МХМ-ы информацийы.