Мирча Джоана-  Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны бынат ис махмæ, НАТО-ы, кæддæр уый æрцæудзæн, уый у амал, цæмæй алы демократон бæстæтæ иумæ уæм
Мирча Джоана- Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны бынат ис махмæ, НАТО-ы, кæддæр уый æрцæудзæн, уый у амал, цæмæй алы демократон бæстæтæ иумæ уæм

НАТо куы  цæттæ кæны Вашингтоны  юбилейон саммитмæ,  мах   дарддæр кæнæм  Укрианайæн  фарсдарын тынгкæнын,  тыхджындæр кæнæм нæ  иргъæфхъомад, æххæст кæнæм  æмцæдисонты дзырдлæвæрд  хъахъхъæнынады  хардзты райрæзын кæныны æрдгæй  æмæ   бирæ æнгомдæр æмæ практикон цæстæнгасæй   кусæм  партнертимæ – уый фæдыл НАТО-ы  генералон нымæрдары   хæдивæг, Мирча Джоана, Коппенгагены, НАТО-йы парламентон  ассамблейыл  дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.

«НАТО у æмæ кæддæриддæр уыдзæн   регионон альянс, фæлæ  мах лæууæм глобалон расидты раз.   Афтæмæй,  нæ  партнерад  æндæр бæстæтимæ у скуыддзаггæнæг  нæ æдасдзинадæн. Ам Ервопæйы, Молдовæйы Республикæйы æмæ Гуырдзыстоны зæххыл æнæбарлæвæрдæй лæууынц  уырыссаг æфсæддæттæ, Босни-Герцоговинæ та   дезинформацион   кампанийы  нысан у, Уæрæсейы  æрдгæй  цæуы   æвзæрстытæм хитъыссын  æмæ кибербырстытæ. Гибридон   хæсты алы  инструмент афтæдæр  скусын кодтой  НАТО-ы  уæнгты ныхмæ»  –  райхъусын кодта Мирча Джоана.

Афтæма йæ  дзырдæй,  зæгъгæ Украинайы, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны бынат ис  НАТО-ы.

«Украинайы, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны  кой куы ракодтон, уæд  загътон, цæмæй   сæ  бынат ис махмæ, НАТО-ы. Æппæт Ныгуылæн Балкантæ  афтæдæр хъуамæ  уа  махмæ,  куыд европаг  æмæ евроатлантикон  бинонты  æххæстбарджын уæнгтæ. Æз  зонын цæмæй  уый  кæддæр æрцæудзæн.  Уый у  амал, цæмæй алы  демократон  бæстæ  уæм иумæ, нæкæсгæ  уымæ, цас  риссаг сты  ивгъуыды  хъæдгæмттæ»- райхъусын кодта  НАТО-ы  генералон нымæрдары  хæдивæг.

Уыимæ Мирча Джоана райхъусын кодта, цæмæй йæм ныфс ис, кандидаты статусыл Гуырдзыстоны  тыххæй   æвæрццаг уынаффæ   уыдзæн хаст.

«Æз афтæдæр райгонд дæн Евроцæдисы стратегион æхсардзинадæй  Украина æмæ  Молдовæйы фæхоныны   æрдгæй  æмæ ныфс ис, ахæм уынаффæ  рахæсдзысты  Гуырдзыстоны тыххæй  дæр æмæ афтæдæр фæуыдзæн  куыст Ныгуылæн Балканты  бæстæтимæ» –  банысан кодта Мирча Джоана.