Гуырдзыстоны парламент Евроцæдисы уæнгдзинады кандидат бæстæты Белграды декларацимæ баиу ис
Гуырдзыстоны парламент баиу ис Белграды декларацимæ, кæцы Сербийы Республикæйы Евроцæдисы уæнг суæвынмæ кандидат бæстæты парламенты сæрдарты инаугурацион конференцийы рæстæджы райст æрцыд.
Декларацийы акцент цæуы парламентты нысаниуæгджын ролыл евроинтеграцийы процессы.
Афтæ дæр кандидат бæстæтæ сразы сты парламенты сæрдарты æрвылазон фембæлдтытæ ауадзыныл, кæцы политикон диалог æмæ парламентон æмкуыстдзинады фæарфдæр кæныны иудадзыг формат уыдзæн.
Евроцæдисы уæнгдзинадмæ кандидат бæстæты парламенты сæрдарты радон конференци 2027-æм азы Молдовайы сырæздзæн.
Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны парламенты пресс-куыст парахат кæны.