Æрдзы  Националон Агентад – Сау Денджызы  доны гъæды мониторинг дæс боны мидæг иу хатт, фараст станцæйыл сыххæст уыдзæн, фæстиуджытæ æхсæнадæн бæрæг суыдзысты иртасæны фæуды фæстæ
Æрдзы Националон Агентад – Сау Денджызы доны гъæды мониторинг дæс боны мидæг иу хатт, фараст станцæйыл сыххæст уыдзæн, фæстиуджытæ æхсæнадæн бæрæг суыдзысты иртасæны фæуды фæстæ

Æрдзы националон агентад Сау денджызы  доны гъæды  мониторингы фæдыл   фидиуæн   публикаци кæны.

Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй,    Сау Денджызы  доны  гъæды мониторинг  дæс боны мидæг  иу хатт   фараст  станцæйыл сæххæст кæндзысты æмæ  æхсæнадæн  фæстиуджытæ  иртасæны  фæуды  фæстæ   базонын кæндзысты.

«Бæрзонд æхсæнадон интерестæм гæсгæйæ,  æрзы  хъахъхъæды æмæ  хъæууон хæдзарады  министрады  æрдзы националон агентад  Сау Денджызы  доны гъæды  мониторинг   дæс бон  мидæг иу хатт, фараст станцæйыл сыххæст кæндзæн.   Иртасæны  фæстиуæгæн   денджызы  сæйраг   физикон-химикон    параметртæ   цæхджындзинад хынцгæйæ,  афтæма биогенон   элементтæ æмæ æндæр  бæрæггæнæнтæ.  Ист   хуызæгтæ   анализмæ   æрвыст уыдзысты   æрдзы националон   агентады  атмосферон уæлдæфы,  доны æмæ  мæрсыджыты   анализы   лабораторимæ, кæцы æххæстæй  æмбæлон у  нырыккон стандарттæм.  Лаборатори ифтонггонд у  бæрзонд дырысады аналитикон   техникæйæ  æмæ  аккредитацигонд у  ISO-ы 1705  стандартмæ  æмбæлгæйæ.   Райсгæ фæстиуджытæ æхсæнадæн   лабораторион  иртасæны фæстæ   базонын кæндзыстæм», – дзырдæуы  фидиуæны.