Украинайы  хъахъхъæнынады министрад – 21   июлæй   алы науы,  кæцы Сау денджызы  Уæрæсейы  портты æмæ  оккупацигонд Украинайы территориты æрдæм змæлдзæн, Киев æфсæддон тасыл банымайдзæн
Украинайы хъахъхъæнынады министрад – 21 июлæй алы науы, кæцы Сау денджызы Уæрæсейы портты æмæ оккупацигонд Украинайы территориты æрдæм змæлдзæн, Киев æфсæддон тасыл банымайдзæн

Украинайы хъахъъæнынады министрады  хъусын кæнынц, цæмæй 21  июлæй   алы науы, кæцы  Сау Денджызы змæлдзæн, Уæрæсейы  портты æмæ оккупацигонд Украинайы  территориты æрдæм, Киев  æфсæддон  тасыл  банымайдзæн.

«Крейсер  «Москва»-ы амонд   бæлвырд кæны, цæмæй Украинайы  хъахъхъæнынады  тыхтæм ис  æнæмæнгхъæугæ фадæттæ,  денджызыл уырыссаг  агрессийæн  ныхкъурд раттынынæн» – банысангонд у  министрады  фидиуæны.

Уæдмæ хуырыссаг фарс   райхъусын кодта, цæмæй «хоры  бадзырды» фæурæды фæстæ алы  науы, кæцы Сау Денджызы  Украинайы портты  æрдæм  араст укыдзæн,  банымайдзæн  куыд æфсæддон уæз  ласæгыл.

Украинайы  хъахъхъæнынады министрад  нымайы, цæмæй Мæскуы  йæ архæйдтытæй   тас  сарызта   Уæрæсейы  наутæн  æмæ уый тыххæй алы рискыл   бæрн æвæрд цæуы   Уæрæсейы  хицауадыл.