Сау Денджызы  НАТО-Гуырдзыстоны иумæйаг денджызон  ахуыртæ  ауагъдтой
Сау Денджызы НАТО-Гуырдзыстоны иумæйаг денджызон ахуыртæ ауагъдтой

Гуырдзыстоны  мидхъуыддæгты  министрады арæйнон пъæлицæйы  донбылхъахъхъæды  æмæ  НАТО-йы денджызон иугонды  наутæ  Сау денджызы  иуæймаг ахуыртæ ауагъдтой.

МХМ-ы  информацийæ,   ахуыр, НАТО-ы иудадзыгархайæг   дыккаг  минæтыныхмæ  иугонды (SNMCMG2) портон  визиты  фæлгæтты  ацыд.

«Ахуыртæн сæ нысан  уыд   Гуырдзыстоны æмæ НАТО-йы денджызон  тыхты  кæрæдзиимæ æмбынатиндзинад сбæрзонддæр кæнын æмæ нæ бæстæйы  иргъæфхъомад стынг кæнын.

НАТО-йы  денджызон  иугонды визиттæ  Гуырдзыстоны  порттæм   регулярон  равг  хæссынц æмæ  Сау Денджызы  æдасдзинад сфидар кæнынын æрдгæй, НАТО-Гуырдзыстоны æмгуыстады  иуæй-иу   рахатинаг  фæстиуæг у. 2021 азы  НАТО-йы  наутæ  Гуырдзыстонмæ нырид дыккæгæм хатт фæуазæг сты», –  банысангонд у  МХМ-ы информацийы.